Новости

Стыр æнтыст

тасоев

Уæрæсейаг дзюдоист Тасойты Инал ссис Парижы уагъд 2025 азы Стыр згъæрхуды фыццаг турниры 100 кг категорийæ уæлæмæ уæлахиздзау.

Финалы ирон богал рамбылдта Ли Сын Йобайы Хуссар Корейæ. Тасойы-фырт у, ацы турниры уырыссæгтæй чи рамбылдта, уыдонæй дыккаг. Раздæр ерысты бронзæйон призер ссис Арман Адамян 100 кг онг уæзы. Уæрæсейаг спортсментæ турниры архайдтой быцæуы хайады нæисæг (нейтралон) статусы.

Тасойты Иналыл цæуы 25 азы, у дунейы чемпион (2023), Европæйы чемпион (2021, 2024). Ныр фарæстæм хатт ссис Стыр згъæрхуды турниры уæлахиздзау. Парижы ма ерысты 2021 азы дæр фæуæлахиз.

Нæ бирæнымæцон газеткæсджыты æмæ спортуарзджыты номæй арфæ кæнæм Тасойты Иналæн. Дарддæр дæр ын уæд бæрзонд спортивон æнтыстдзинæдтæ!

Ног уæлахизтæм!

ГАССИТЫ Моисей

Печать