Новости

Хæлардзинады ирд æвдисæн

33928633 c8e5 4657 bb4d bb1b3ab8d13a

Бæрæг куыд у, афтæмæй Кавказы фысджыты клуб хæссы, бындур ын чи сæвæрдта, уыцы балхъайраг классик Салиха Гуртуевы ном. Ныр 15 азы дæргъы пропагандæ кæны литераторты сфæлдыстад, уыимæ йæ рæнхъытæ фылдæр кæнынц æппæт Кавказы поэттæ æмæ прозаиктæй.

Æрæджы та клубы хъæппæрисæй мыхуыры рацыд æмдзæвгæтæ æмæ радзырдты æртыккаг æмбырдгонд "Дуртæ æмæ дидинджытæ" уырыссаг æвзагыл. Проект реализацигонд æрцыд Дагестаны Республикæйы сæргълæууæджы гранты æххуысæй. Ацы чиныгмæ фыццаг хатт хаст æрцыдысты Цæгат Ирыстоны регионалон хайады 15 авторы уацмыстæ. Хайадæн разамынд кæны журнал "Мах дуг"-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ.

Цæгат Ирыстоны национ зонадон библиотекæйы ацы чиныгæн уыд презентаци. Амыдта йæ Кавказы фысджыты клубы сæрдар Миясат Муслимова. Презентацийы архайдтой чиныджы автортæ, клубы хæлæрттæ.

9d791775 558e 48b8 96b1 ccb0dc0688be

Мадзал байгом кодта Хетæгкаты Оксанæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ацы æмбырдгондмæ хаст æрцыдысты ирон фысджытæ Черчесты Хъасполат, Гусалты Барис, Хохойты Энвер, Дудайты Чермен, Касаты Батраз, Касаты Аслан, Габолаты Зауырбег, йæхи æмæ æндæр авторты уацмыстæ.

Миясат Муслимова радзырдта, ацы чиныг саразын æмæ йæ мыхуыры рауадзыныл куыд куыстой, ууыл, æмбырдгондимæ баст æндæр фарстатыл. Автортæн балæвар кодтой фæйнæ экземпляры. Презентацийы рæстæг поэттæ бакастысты сæхи фыст æмдзæвгæтæ.

Ацы æмбырдгонд у Кавказы адæмты иугæнæг æмæ æфсымæрдзинады ирд æвдисæн.

ПИСИТЫ Моисей

Печать