Ныр дæр та – фыццаг бынат
Нæ газет цалдæр хатты фыста Комгæроны хъæуы иумæйагахуырадон астæуккаг скъолайы 10-æм къласы ахуыргæнинаг Тотраты Азæмæты спортивон сгуыхтдзинæдты тыххæй. Кæд нырма æвзонг у, уæддæр у фæлтæрд хъæбысæйхæцæг, цалдæр турниры уæлахиздзау, хæрзиуджытæ, премитæ, майдантæ, кубокты хицау.

Комгæройнаг лæппу тренировкæ кæны Дзæуджыхъæуы Фадзайты Арсены клуб "Труд"-ы. Ам йæ тренер Хуыгаты Эльбрус йæ хъус хорз дары 16-аздзыд лæппумæ. Стыр ныфс дзы æвæры, æмæ дзы Азæмæт йæхæдæг дæр райгонд у.
Ивгъуыд къуыри Дзæуджыхъæуы спортивон галуан "Манеж"-ы уагъд цыдысты ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй. Тотраты богал ам йæ тыхтæ æвзæрста 48 кг уæзы. Йæ ныхмæлæуджытыл иууылдæр фæуæлахиз æмæ бацахста фыццаг бынат. Радтой йын грамотæ, кубок æмæ майдан. Ныр æртыккаг хатт ссис уæгъдибар хъæбысхæстæй республикæйы чемпион. Азæмæт афтæ зæгъы:
– Мартъийы кæрон горæт Орелы уагъд цæудзæн Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй, æмæ мæхи цæттæ кæнын уымæ. Бузныг зæгъын мæ тренер Эльбрусæн, стæй, кæм ахуыр кæнын, уыцы скъолайы директор æмæ ахуыргæнджытæн, сæ хъус мæм хорз кæй дарынц, ерыстæм ацæуынмæ мын фадат кæй раттынц, уый тыххæй. Æз дæр сæ нæ фæхудинаг кæндзынæн, ахуыры æмæ спорты дæр тырндзынæн хуыздæр, фылдæр æнтыстытæм!
ГАССИТЫ Моисей,
къамы: ТОТРАТЫ Азæмæт