• Главная
  • "Амыраны рухс" рухс кæны зæрдæтæ

Новости

"Амыраны рухс" рухс кæны зæрдæтæ

23228ebf fd89 4912 bcdd 2cd2b0b440edГорæтгæрон районы Культурæйы галуаны сценæйыл 13 мартъийы ацыд 9-æм фестиваль "Амыраны рухс-2025"-ы районон этап. Архайдтой дзы районы ахуырады уагдæтты æмæ культурон артдзæстыты минæвæрттæ, сывæллæттæ æмæ кæстæр кары фæсивæд – æдæппæтæй 100 адæймагæй фылдæр.

Мадзал амонæг актер Гаглойты Ирлан радзырдта, ацы фестиваль конд кæй у фондз номинацийæ – "Драмон театр", "Ирон аргъау", "Эстрадон сатирикон миниатюрæ", "Аив кæсын", "Сфæлдыстадон эксперимент".

Конкурсантты арæхстдзинæдтæн аргъ кодтой жюрийы уæнгтæ: Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты театралон аивады кафедрæйы доцент, республикæйы аивæдты сгуыхт архайæг Цæгæраты Руслан (сæрдар), Ирон академион театры актрисæ, Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Цырыхаты Розæ, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, республикæйы адæмон сфæлдыстады центр "Фарн"-ы сæйраг специалист Абайты Азау, Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæ, Ирон академион театры актрисæ Æлхъацаты Мæдинæ æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист, фæсивæдон театр "Амыран"-ы актер æмæ директор Сидахъаты Дзамбулат.

6a70e12a 6c82 4393 b0c0 2809e0e5c835Номинаци "Драмон театр"-ы уæлахиздзаутæ æмæ лауреаттæ систы: Камбилеевкæйы 1-æм астæуккаг скъолайы театрон къорд "Непоседы" (фыццаг бынат), Сунжæйы астæуккаг скъолайы театр "Малусæг" (дыккаг бынат), Ногиры 1-æм астæуккаг скъолайы театр "Нартæ" (æртыккаг бынат).

Номинаци "Ирон аргъау"-ы жюри фыццаг бынат саккаг кодта Откябрыхъæуы 1-æм астæуккаг скъолайы театр "Амонды фæрдгуытæ"-йæн.

"Эстрадон сатирикон минатюрæ"-йы номинацийы 7–11-аздзыдты 'хсæн фыццаг бынат бацахста Куырттаты астæуккаг скъолайы театр "Хуры тын"; 11–16-аздзыдты 'хсæн та фыццаг бынатмæ рацыд Камбилеевкæйы 2-æм астæуккаг скъолайы театр "Лукоморье"; 11–16-аздзыдты 'хсæн дыккаг бынат бацахста Ногиры Культурæйы хæдзары театралон студи "Авансценæ".

e9c911b6 364f 4d68 bc4a c66f519069f7Номинаци "Аив кæсын"-ы фыццаг бынæттæм рацыдысты Октябрыхъæуы 2-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзау Коцты Аленæ (7–11-аздзыдтæ), Камбилеевкæйы 1-æм астæуккаг скъолайæ Икъаты Илонæ (11–16-аздзыдтæ), Джызæлы 1-æм астæуккаг скъолайæ Гæджынты Дианæ (16–30- аздзыдтæ); дыккаг бынæттæ бацахстой: Октябрыхъæуы Культурæйы галуанæй Плиты Зæлинæ (7–11-аздзыдты), Джызæлы сывæллæтты музыкалон скъолайæ Дойаты Надеждæ (11–16-аздзыдты), Джызæлы аивæдты скъолайæ Гуырцъыты Янæ (11–16-аздзыдты), Сунжæйы астæуккаг скъолайæ Годжыцаты Константин (16–30-аздзыдты).

Ацы номинацийы æртыккаг бынатмæ рацыдысты Сунжæйы бындурон скъолайы ахуырдзау Багаты Таймураз æмæ Архонкæйы 1-æм астæуккаг скъолайæ Сечъынаты Ясминæ (11–16-аздзыдтæ).

Номинаци "Сфæлдыстадон эксперимент"-ы фыццаг бынат бацахста Уæллаг Санибайы астæуккаг скъолайы театр, дыккаг бынат та – Сунжæйы Культурæйы хæдзары театр "Премьер-А" (7–11-аздзыдтæ).

Фыццаг бынæттæ бацахсæг лауреаттæ архайдзысты, 2025 азы 22 мартъийы Дзæуджыхъæуы чи цæудзæн, уыцы республикон фестивалы финалон этапы.

Уæдæ нæ æрыгон хæдахуыр артисттæ басгуыхæд уыцы мадзалы дæр!

ГАССИТЫ Моисей

Печать E-mail