Новости

Дыууæ æфсымæры кадæн

 

Зынгæ ирон фысджытæ-æфсымæртæ Джусойты Нафи æмæ Хаджеты Таймуразæн ацы аз сты сæ юбилейтæ. Нафийы райгуырдыл сæххæст 100 азы, Таймуразы райгуырдыл та 80 азы. Сæ дыууæтæ дæр дзæнæттаг уæнт!

BAY4364 696x464

Ацы юбилейтæ банысан кодтой Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры сценæйыл. Бацæттæ сæ кодтой нæ республикæйы Парламенты депутат Уататы Зелим æмæ журнал "Мах дуг"-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ.

Ардæм æрбацæуæг адæм уал фыццаг бакастысты сценаримæ. 1932 азы 14 февралы Нафийы райгуырæн хъæу Арашендайы зæй фæласта. Амард дзы 96 адæймаджы, уыдонимæ 52 сывæллоны. Митзæйы фыдбылызæй аирвæзтысты Нафийы фыд Гришæйы хæдзары бинонтæ. Уый фæстæ азæлыд Нафийы зарæг.

Кадджын мадзалмæ æрбацыдысты уазджытæ Хуссар Ирыстонæй, Абхазæй, Мæскуыйæ, Дагестанæй, Цæцæнæй, Хъæрæсе-Черкессийæ, Кæсæг-Балхъарæй.

Кадджын мадзал байгом кодта æмæ адæмæн арфæйы ныхæстæ загъта Цæгат Ирыстоны культурæйы министр Гуыдиаты Батрадз. Уый фæстæ раныхас кодтой æмæ дыууæ фыссæг æфсымæры цард æмæ сфæлдыстадон фæндаджы тыххæй радзырдтой зынгæ абхазаг фыссæг, Нафийы хæлар, Ирыстоны стырдæр хæрзиуæг "Во Славу Осетии"- йы хицау Геннади Аламиа, Хуссар Ирыстоны университеты профессор Плиты Гацыр, Цæцæны республикæйы Парламенты Сæрдары хæдивæг Аднан Нагаев, Цæцæны адæмон фыссæг Асламбек Тугузов, фыссæг Мовла Гайраханов, Кæсæг-Балхъары Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг Муталип Беппаев, журнал "Минги-Тау"-ы сæйраг редактор Аскер Додуев, Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис, Хуссар Ирыстоны Президенты администрацийы разамонæджы æххуысгæнæг Плиты Инал, кавказаг Фысджыты клубы уæнг Секинат Абаева, дагестайнаг журнал "Дружба"- йы сæйраг редактор Гамзат Изудинов, историк Челæхсаты Хъазбег, кæсгон литературæйы классик Али Шогенцуковы хъæбулы хъæбул Мадина Хакуашева, мыггаджы номæй Джусойты Тарзан, Нафи æмæ Таймуразы мадырвадæлты номæй – Сунжæйы скъолайы директор Хуыгаты Æхсар, бинонты номæй – Джусойты Клавдия.

Юбилейон мадзал амонæг Æлбегаты Алан бакаст балхъайраг ахуыргонд, Нафийы хæлар Адам Гутовы Арфæйы фыстæг.

Кадджын изæрмæ видеохуызы сæ арфæтæ æрбарвыстой Цæгат Ирыстоны раздæры Президент Дзасохты Алыксандр æмæ хъуыстгонд поэт Расул Гамзатовы чызг Салихат Гамзатова. Геннади Аламиайæн радтой Цæгат Ирыстоны Культурæйы сгуыхт кусæджы ном.

Адæм экранмæ бакастысты Нафи æмæ Таймуразы цард æмæ сфæлдыстады фæдыл видеоæрмæджытæм.

Мадзал ноджы дæр барæсугъд кодтой Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны аивадон къордтæ, хицæн артисттæ.

Стыр хæрзты бацыдысты Джусойты Нафи æмæ Таймураз сæ раттæг адæмæн æмæ сæ рухс нæмттæ рох никуы уыдзысты!

ГАССИТЫ Моисей

Печать