Новости

Ахсджиаг фарстатæ

Октябрыхъæуы Культурæйы галуаны уыд районы «Ныхас»-ы президиумы æмбырд. Архайдтой дзы «Ныхас»-ы, Сылгоймæгты советы уæнгтæ, æндæр адæм. Æмбырд амыдта районы «Ныхас»-ы сæрдар Ходы Æхсар.

Президиумы æмбырды æрдзырдтой цалдæр фарстайыл. Уыдонæй фыццаг - «2017 азы фыццаг æмбисы Горæтгæрон районы территорийыл автоавариты уавæр æмæ 2017 азы дыккаг æмбисы хæстæ». Информациимæ раныхас кодта нæ районы мидхъуыддæгты управленийы паддзахадон автоинспекцийы хицау пъæлицæйы майор Реуазты Эльбрус. Уый ма радзырдта, автоинспекци «Ныхас»-имæ æмгуыст куыд кæны, уый тыххæй.
Æмбырды архайджытæ æруынаффæ кодтой районы «Ныхас»-ы сæрдар Ходы Æхсары хыгъдон докладыл «Районы Ныхас»-ы куысты фæлтæрддзинад барадхъахъхъæнæг органтимæ æмгуыст кæныныл, фыдракæндты ныхмæ тох кæныныл, республикæйы экстремизм, профилактикæйы тыххæй».
Æртыккаг фарстайыл та дзырд уыди, 2017 азы дыккаг æмбисæн периодикон мыхуыр рафыссыны тыххæй. Районы «Ныхас»-ы сæрдары хæдивæг Икъаты Руслан фæсидти се ‘ппæтмæ дæр, газеттæ рафыссыны тыххæй.
Æмбырды ма байхъуыстæуыд районы «Ныхас»-ы мыггæгты «Ныхас»-ты комитеты сæрдар Æлборты Иранбеджы хыгъдмæ.
Ацы æмæ æндæр фарстаты фæдыл раныхас кодтой Черменыхъæуы. Сунжæйы, Михайловскы, Донгæроны, Ирыхъæуы, Ногиры. Куырттаты хъæуты «Ныхас»-ы сæрдартæ: Æлборты Иранбег, Засеты Иван, Дзуццаты Валерий, Босыкты Тарзан, Хъæцмæзты Юрий, Тедеты Тенгиз, Дзансолты Максим, районы администрацийы адæмимæ куысты фæдыл сæргълæууæг Гæджиты Таймураз, йæ хæдивæг Абайты Тамарæ, «Ныхас»-ы уæнгтæ Тедеты-Бететы Райхан, Уæлыгæсты Тамарæ, Джызæлы «Ныхас»-ы сæрдары хæдивæг Къуындыхаты Валерий, «Ныхас»-ы барадон фарстаты фæдыл комитеты сæрдар Саулаты Уырызмæг, Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы мыггæгты комитеты сæрдар Агкацаты Юрий.
Æмбырды архайджытæ фарстаты фæдыл рахастой уынаффæтæ, уый фæстæ фæндон бахастой, «Ныхас»-ы уæнгтæ Икъаты Русланы «Иры Стыр Ныхас»-ы Кады грамотæйæ, Хъуысаты Эльвирæ æмæ Бететы Вадимы та районы «Ныхас»-ы Кады грамотæтæй схорзæхджын кæныны тыххæй.

ГАССИТЫ Моисей.
Авторы ист къам.