• Главная
  • "Ирон бæгæны" æрхуыдта йæ хæлæртты

Новости

"Ирон бæгæны" æрхуыдта йæ хæлæртты

"Ирон бæгæны"-йы бæрæгбон та радон хатт æрхуыдта йæ хæлæртты. Ацы аз Горæтгæрон районы   хуыздæр бæгæныфыцджытæ сæмбæлдысты Джызæлы хъæуы Культурæйы хæдзары.

DSCF1048

Фыццаджыдæр сын арфæ ракодта æмæ 4 октябры Дзæуджыхъæуы, фестиваль-конкурсы кæронбæттæны сæмбæлыны фæндиæгтæ загъта йæ аразæг - Республикæйы адæмон сфæлдыстады хæдзары минæвар Битарты   Ларисæ.

- Мадзалы арæнтæ уæрæхдæр кæнынц, аххæссыд Уæрæсейы къорд регионтыл нæ, фæлæ ма Туркыл, Францыл, Бельгийыл дæр. Абон нæ уазæгуарзон фысым сты Джызæлы цæрджытæ, æмæ сын зæгъын бузныг. Уæлдай арфæ - Культурæйы хæдзары директор Пхалæгаты Фиалæйæн, - загъта Ларисæ, æмæ фæнысан кодта, бæрæгбон саразыны хъуыддагмæ аккаг æвæрæн кæй бахаста Горæтгæрон районы администрацийы Культурæйы управленийы разамонæг Туаты   Мæдинæ.

Фысымтæн зæрдиаг арфæ ракодта фестивалы генералон спонсор - бæгæныфыцæн заводты компани "Бавария"-йы минæвар Бытъæты Ирбег дæр. Уый куыд загъта, афтæмæй бæрæгбон сси традицион, фæцыд дзыллæты зæрдæмæ, æмæ дарддæр дæр нарты нозтимæ парахатгонд цæудзысты ирон адæмы культурæ æмæ æгъдæуттæ…

Джызæлы хъæуы   администрацийы сæргълæууæг   Дойаты Аслан куыд радзырдта, афтæмæй бæрæгбонæн хъæуы цæрджытæ ныридæгæн фысым 2-аг хатт систы, æмæ æрмæст уый дæр æвдисæн у, цы ахаст æм ис, уымæн: "Ирон бæгæны"-йы руаджы фылдæр кæны, ацы æлутоны нозтæн йæ фыцыны сусæгдзинæдтæ базонынмæ чи тырны, уыдоны нымæц. Хистæртæ сæ амонынц сæ кæстæртæн, æмæ афтæмæй фидæр кæны фæлтæрты бастдзинад”.

Цалынмæ "Бавария"-йы кусæг Ортабайты Зæринæйы разамындæй жюри хатдзæгтæ кодта, уæдмæ хъæуы цæрджытæ бакастысты концертмæ. Уым сæ арæхстдзинад равдыстой Джызæлы культурæйы артдзæсты аивадон къордтæ, уыдонимæ - адæмæн уарзон зарæггæнæг Сохъуырты Валери.

Мадзалы кæронбæттæны æппæт 13 Сатана-ерысгæнæджы дæр райстой фестиваль-конкурсы архайæджы дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.

3-аг бынат бацахста Джызæлы цæрæг Быгъуылты Кристинæ, 2-аг бынат лæвæрд æрцыд ногираг Тыбылты Еленæйæн.

Уæлахиздзау та сси Чермены хъæуы минæвар Дзукъаты Иннæ. Уый райста 1-аг къæпхæны диплом æмæ архайдзæн республикон кæронбæттæн конкурсы (финалы) "Ирон бæгæны-2019".

ТЪЕХТЫ Тамерлан.

Авторы ист къамтæ.