Новости

Сæ зæрдæ йыл нæ ивынц

20191107 132016

102 азы рацыд, Стыр Октябры социалистон революци куы фæуæлахиз, уæдæй нырмæ. Уæрæсейы бæстæ йæ æмткæй абон нал бæрæг кæны, фæлæ уыцы бонæн аргъгæнæг чи у, уыдон æй æрвылаз дæр банысан кæнынц: æрымысынц уыцы бонтæ, зынгæ революционерты æмæ Советон паддзахадон разамонджыты.

Афтæ уыд ацы азы 7 ноябры дæр. Нæ республикæйы адæм, коммунисттæ, фæсивæд, алы фæлтæрты минæвæрттæ æрæмбырд сты Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспектмæ сырх тырысатæ, Советон лозунгтæ æмæ плакаттимæ æмæ проспекты рацыдысты бæрæгбоны демонстрацийы оркестры зæлтимæ.

Демонстранттæ æрлæууыдысты Ленины фæзы æмæ фæтæджы цыртдзæвæны цур сарæзтой митинг. Архайдтой дзы Хицауады уæнгтæ, парламенты депутаттæ, Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ. Митинг амыдта Цæгат Ирыстоны коммунистты сæргълæууæг Еленæ Князева. Арфæйы ныхæстæ загътой Парламеты Сæрдары хæдивæг Гутнаты Аслæнбег, Компартийы Промышленнон райкомы 1-аг секретарь Хестанты Артур æмæ æндæртæ.

Уый фæстæ активондæр коммунистты схорзæхджын кодтой Иосиф Сталины юбилейон майдантæй. Уыдонимæ - нæ районы минæвæрттæ: Хуыгаты Людмилæ, Тедеты Рутен æмæ Табуты Георгий.

Уыдис дзы стыр концерт: Табуты Георгий, Рæмонты Аслæнбег, Еналдыты Иринæ, ансамбль "Сударушка" æмæ æндæр зарæггæнджытæ барухс кодтой адæмы зæрдæтæ сæ аивадæй.

Бæрæгбоны мадзæлтты архайдта Горæтгæрон районы делегаци дæр Компартийы фыццаг секретарь Биазырты Фатимæйы разамындæй (къамы).

ГАССИТЫ Моисей.