Харитоны фæдзæхст
Нæ районы Октябрыхъæуы Маяковскийы уынджы цæры Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, 1928 азы гуырд, уæздан лæг Джерапты Темболаты фырт Харитон. Йæ чысылæй фæстæмæ бирæ зындзинæдтæ бавзæрста. Йæ фыд Темболат инвалид уыд, æмæ хæдзары куыстытæ фылдæр Харитонмæ кастысты. Харитоны æфсымæртæ Темырхъан, Зелимхан æмæ Виктор Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайдтой. Дыууæ æфсымæрæй дзы нал æрыздæхтысты.
Харитонæн йæ цардæмбал Тетойты Маня паддзахадон ирон театры куыста. Абон æгас нал у. Сау сыджыты хай баисты сæ дыууæ лæппуйы дæр, æмæ Харитон ныртæккæ цæры иунæгæй.
Алагиры районы Црауы хъæуы райгуырд. Ахуыр кодта сæ хъæуы скъолайы, каст дзы фæцис 5 къласы. Уæд Цæгат Ирыстоны дæр цыди хæстон архайд, æмæ 13-аздзыд лæппуйы тынгдæр бахъуыд тухæнтæ кæнын.
Немыцаг знæгтæ нæ Иры зæххæй тард куы 'рцыдысты, уæд сæ фæстæ ныгæдæй ныууагътой бирæ минæтæ. Уыдон фыдбылыз хастой цæрджытæн. Харитон æмæ йæхи карæн лæппутæ (иуыл иумæ 32) сарæзтой бригадæ: баиу сты, минæтæ чи агуырдта æмæ сæ æдас чи кодта, уыцы специалисттимæ æмæ Джызæлы, Алагиры, Æрыдоны, Фыййагдоны, Майрæмададжы, Мæздæджы, Элхоты æмæ Архонкæйы зæххытыл зылдысты, æмбырд кодтой фашистты минæтæ. Уый та афтæ æнцон куыст нæ уыд. Ахæм хъуыддæгты Джерапы-фырт йæ хайбавæрд бахаста хæсты фæсчъылдымы тохмæ, хæстон сывæллон уæвгæйæ.
Ноджы ма службæ кодта Æфсады рæнхъыты дæр фæсарæнты. Куы æрыздæхт, уæд райста сантехник-æндадзæджы дæсныйад æмæ бирæ азты, суанг пенсимæ ацæуынмæ фæкуыста Мызуры, Дзæуджыхъæуы æмæ æндæр рæтты. Цардис горæты, стæй йæ цæрæн бынат раивта Октябрыхъæумæ. Ис æм хæрзиуджытæ. Йæ Арфæйы гæххæттытæ сты 30 бæрц. Уæлахизы боны æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бæрæгбæтты йæм уыцы Арфæйы гæххæттытæ сæрвыстой Уæрæсейы Президент Владимир Путин, политикон парти ЛДПР-ы разамынд, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, Горæтгæрон районы Сæргълæууæг Гаглойты Алан, республикæйы æмæ нæ районы ветеранты Советтæ, "Севкавказэнерго", нæ районы æфсæддон къамисарад, Уæрæсейы Федерацийы Советы уæнг Фадзайты Арсен, Октябрыхъæуы бынæттон администрацийы æмæ районы рынчындоны разамынд.
Советон Цæдисы Коммунистон партийы уæнг, намысджын адæймаг Джерапты Харитоныл кæд азтæ цæуы, уæддæр нырма у уæнгрог, фезмæлынхъом. Йæ фæдзæхст та ахæм у: "Хæст, уæззау дуг Хуыцау мауал æруадзæд. Мах фæлтæр ын йæ фыдæбæттæ, фыдбылызтæ федта, бавзæрста, фæлæ фæсивæд хызт уæд ахæм рæстæгæй! Размæ хорз хъуыддæгты цæуæд!"
ГАССИТЫ Моисей.
Авторы ист къам.