Новости

Ароны лæггæдтæ

Йæ чысылæй фæстæмæ фæллойы фæндагыл лæуд у ирон æгъдауджын лæг, куырыхон хистæр, зондамонæг, хорз бинонты хицау - Сунжæйы цæрæг Биазырты Иваны фырт Арон. Æрдз ын радта хæларзæрдæ, адæммæ уарзондзинад, рæстдзинад, æмæ сыл æнувыд у рагæй нырмæ.

Хуссар Ирыстоны Дзауы районы бæрзонд хæххон хъæу Котантойы райгуырд Арон 1933 азы Иван æмæ Коцты Доккайы хæдзары. Зæнæджы хистæр уыд, йæ кæстæртæ ма уыдысты дыууæ хойы. Ныййарджытæ куыстой сæ хъæуы колхозы, фыд - фермæгæсæй, мад - хъугдуцæгæй.

Ароны фыд Иваны Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ акодтой, æмæ фæстæмæ нал æрыздæхт. Чысыл сидзæртæ зынвадæтты хъомыл кодтой, æмæ Арон куыд хистæр нæлгоймаг хæрз æрыгонæй райдыдта колхозы фæллой кæнын - æххæст кодта алыхуызон куыстытæ, ахуыр дæр кодта, афтæмæй.

Котантойы 8-азон скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта сыхаг, Хъемултайы астæуккаг скъолайы. Æхсæнадон куыстмæ æвзыгъд кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ сæвзæрстой скъолайы фæскомцæдисон комитеты секретарæй.

Ароны фыдымад Козаты Мани 1948 азы æрцард Сунжæйы. Арон-иу æм скъолайы улæфты рæстæг æрцыд æмæ-иу акуыста колхозы, æххуыс ын кодта. 1953 азы Биазырты бинонтæ дæр цæрынмæ æрцыдысты Сунжæмæ, æмæ Арон уайтагъд кусынмæ бацыд хъæуы Маленковы номыл колхозмæ.     3 азы фæстæ йæ сæвзæрстой хæдзарады фæскомцæдисон организацийы секретарæй. Уыцы рæстæг Горæтгæрон районы Сунжæйы хъæуы колхозæй стырдæр фæскомцæдисон организаци нæ уыд - 370 фылдæр уыдысты йæ уæнгтæ. Биазыры-фырты разамындæй фæсивæд æвæллайгæйæ куыстой быдырты, фермæты. Сæ хорзы кой айхъуыст. Арон абон дæр æхсызгонæн æрымысы уыцы рæстæг, уымæн æмæ фæсивæдæн уыдис куыст, быдыртæй хъуыст сæ хъæлдзæг худт æмæ ныхас.

Ароны фæстæдæр снысан кодтой колхозы хыгъдхæссæгæй, æмæ та ам дæр йæхи равдыста бæрнонæй. Уæд ын йæ бæрны бакодтой ахсджиаг хæс - Сунжæйы колхоз "Хæлардзинад"-ы партион организацийы секретары куыст. Цæсгомджынæй дзы фæкуыста, фылдæрæй фылдæр кодта коммунистты нымæц. Фæстæдæр та Арон ссис дыргъдарынады бригады бригадир. Уый фæстæ 2 бригады баиу кодтой æмæ та Ароны снысан кодтой бригадирæй. Уæды рæстæг Тарскæйы колхоз баиу Сунжæйы колхозимæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Аронæн уыд бирæ куыст.

Куыста ма ахæм бынæтты: хыгъдхæссæг-контролгæнæг, звеновод, колхозы сæрдары хæдивæг, агроном, сæйраг агроном, партион организацийы секретарь. Куыд куыста, уымæн та æвдисæн сты, кæимæ фæллой кодта, уыдонæй абон цардæгас чи у, уыдон.

Арон æхсызгонæй æрымысы, æхсæвæй-бонæй кæимæ фæллой кодта, уыдоны - сæрдартæ: Хъæцмæзты Ермины, Бибылты Георгийы, Хуыгаты Раманы, Челæхсаты Умары, Джусойты Станиславы, Джиоты Георгийы (Юрий), Къæбысты Вячеславы, бригадиртæ: Коцты Хазбийы, Хуыгаты Сосланы, Коцты Таймуразы; æндæр куыстытæ æххæстгæнджытæ: Калоты Ароны, Коцты Магрезы, Хъæцмæзты Петры, Хуыгаты Костяйы, Гæджиты Гришæйы, Гæбæраты Чермены, Æлборты Андрейы æмæ æндæрты.

- Колхозы сæрдартæ се 'ппæт дæр хорз куыстой, сæ бон цы уыд, уымæй архайдтой, хъæздыгдæр кодтой колхозы фæрныгад. Фæлæ дзы Хуыгаты Раманы бæрц никæмæн бантыст. Уый рæстæджы арæзт æрцыдысты 4 æхсыры товарон фермæйы, культурæйы Хæдзар, куырой, дыргъдæттæуадзæн цех, колхозы правленийы агъуыст, хъæумæ бауагътой æрдзон газ. Челæхсаты Умары рæстæг та нæ хæдзарад Советон Цæдисы бацахста 1-аг бынат, æмæ йын 1980 азы цытджын æгъдауæй лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Центрон комитеты, Министрты Советы, Профцæдисты æмæ фæскомцæдисы Центрон комитеты Цæугæ Сырх Тырыса.

Хъыгагæн, дуджы, рацарæзты аххосæй нæ кæддæры нæргæ колхоз ныххæлæттаг, иннæ рæтты куыд у, афтæ, æмæ мын уый зындзинад æвзарын кæны. Цас фæллой æмæ кусæнгæрзтæ фесæфтысты, - зæгъы Арон.

1964 азы Арон йæ цард баиу кодта Багаты Настяимæ. Бирæ азты фæкуыста Настя хъæуы амбулаторийы. Схъомыл кодтой æмæ царды раст фæндагыл бафтыдтой сæ кæстæртæ Альберт, Алан æмæ Альбинæйы. Ныр та уыдоны кæстæрты хъомыл кæнынц. Арон æмæ Настя Сунжæйы цæрынц сæхи хæдзары сæ фырт Аланимæ.

Сыхбæсты, хъæубæсты æгъдаудæттæг, мыггаджы кадджын лæг Биазырты Ароны тыххæй мын Горæтгæрон районы "Ныхас"-ы сæрдар Ходы Æхсар æмæ Сунжæйы "Ныхас"-ы сæрдар Засеты Иван афтæ радзырдтой:

- Сунжæйы хъæуы æмæ Горæтгæрон районы, æндæр рæтты дæр хорз зонынц нæ кады лæгтæй иу, йæ сабибонтæй фæстæмæ куысты мидæг йæ астæу чи не сраст кодта, уый, - Биазырты Ароны. Уымæн Хуыцау радта мыггаджы фарн æмæ æмкусджыты, æмгæртты хорзæх.

Арон бирæ азты дæргъы уыд районы "Ныхас"-ы ирон æгъдæутты комитеты сæрдар, æмæ ам дæр æвдисæн уыдыстæм йæ удуæлдай фæллойæн. Бирæ хорз фæндæттæ хаста æгъдæуттæм, æмæ сæ не 'мбырдты биноныг кодтам.

Йе 'нæниздзинадмæ гæсгæ кæд абон комитеты сæрдар нал у, уæддæр "Ныхас"-ы уæнг у, æмæ нын уый дæр ныфс дæтты нæ куысты.

Биазыры-фырты цы зонæм, уымæй у фæлмæн, никæй зæрдæхудт райсдзæн æнæхъуаджы, зондамонæг дæр æй уымæн хонынц. Бафæзминаг - алцæмæй дæр. Ахæмтæ фылдæр куы уаид уæд не 'хсæн!

Советон Цæдисы Коммунистон партийы уæнг, æнувыд коммунист, куысты ветеран, хæсты сывæллон Биазырты Иваны фырт Арон хорзæхджынгонд у бирæ Кады грамотæтæ æмæ Арфæйы фыстæджытæй. 12 та йæ ордентæ æмæ майдантæ сты, уыдонимæ - орден "Кады нысан". Ацы ног азы хæдразмæ ма сыл бафтыд иу - майдан "Ирыстоны намысæн". Радта йын æй цытджын уавæры нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

Цæры нæртон лæг не 'хсæн ныр 87 азы дæргъы. Бирæ федта, бирæ бавзæрста, бирæ зоны...

Арон, фæцæр ма нын бирæ æнæнизæй! Ам та дæнцæг кæмæй райсай, уымæ дæ дард цæуын нæ хъæуы - дæ ныййарæг мад Доккайау æнусы сæрты акæс!