Сусæны мæйы, июлы, ирон адæмон бæрæгбæттæ райдайынц Хетæджы Уастырджийы бонæй. Фылдæр хатт вæййы июлы дыккаг хуыцаубоны. Уыцы бон ма сбæрæг кæнынц Дзири-дзуар æмæ Гæлиаты Авд дзуары бæрæгбæттæ.
Хетæджы Уастырджийы кувæндон ис Куырттаты комæй рахизæн дæлвæзы. Йæ равзæрды фæдыл ис ахæм таурæгъ.
