Ивгъуыд сабаты, 4 ноябры, Уæрæсе сбæрæг кодта Иудзинады бон. Бирæ мадзæлттæ ацыд нæ республикæйы дæр.
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло Хицауады хæдзары фембæлд, нæ республикæйы алы къабæзты намысджынæй чи фæллой кæны, уыцы адæмимæ, æмæ сын зæрдиаг арфæ ракодта бæрæгбоны фæдыл. Уый фæстæ сæ схорзæхджын кодта алыхуызон хæрзиуджытæй.