Хыгъд – бакæнгæ куысты тыххæй
Октябрыхъæуы Культурæйы галуаны уагъд æрцыд Уæрæсейы Коммунистон партийы Горæтгæрон районы хайады XV хыгъдон æвзæрстыты конференци. Уырдæм æвзæрст æрцыдысты 30 делегаты 11 райдайæн партион организацитæй.
Конференцийы делегаттæ сæвзæрстой кусæг оргæнтæ: президиум, секретариат, Мандатон, Нымайæн, Редакцион къамистæ. Ацагътой Уæрæсейы гимн.
Боны фæткы уыдис ахæм фарстатæ: Компартийы Горæтгæрон районы комитеты хыгъд йæ арæзт куысты тыххæй 2022 азæй 2024 азы 24 февральмæ; Контролон-ревизион къамисы хыгъд; Компартийы Горæтгæрон хайады комитеты æвзæрстытæ; Компартийы районон хайады комитеты уæнгтæм кандидаттæ сæвзарын; Контролон-ревизион къамис сæвзарын; Компартийы Цæгат Ирыстоны республикон хайады хыгъдон-æвзæрстыты конференцимæ делегаттæ сæвзарын.
Фыццаг фарстайы фæдыл хыгъд радта Компартийы Горæтгæрон районы хайады фыццаг секретарь Биазырты Фатимæ, Мандатон къамисы куысты тыххæй – Чысиаты Мæирбег æмæ Нымайæн къамисы куысты тыххæй та – Багаты Арон. Компартийы республикон хыгъдон-æвзæрстыты конференцимæ æвзæрст æрцыд фондз делегаты.
Конференцийы раныхас кодтой Горæтгæрон районы алы категориты Ветеранты советы сæрдар Хуыбылты Абесалом, коммунисттæ Засеты Заирæ, Закаты Иринæ, Магомед Батажев, Æлборты Иван æмæ æндæртæ.
Хыгъдон рæстæг Компартийы Горæтгæрон районы хайады куыст нымад æрцыд рæстæмбисыл. Фарстаты фæдыл конференцийы делегаттæ райстой æмбæлон уынаффæ.
Коммунистон идеалтыл æнувыддзинады, активон куысты тыххæй Компартийы районон хайады Кады гæххæттытæ æмæ лæвæрттæй хорзæхджын æрцыдысты коммунисттæ Дзуццаты Валери, Токаты Каринæ, Засеты Аслан, Джиоты Звиад, Багаты Арсен, Плиты Георгий, Сланты Константин æмæ ацы рæнхъыты автор. Конференцийы Компартийы рæнхъытæм райстой ног уæнгты.
Ног сæвзæрст Пленум Компартийы Горæтгæрон райкомы фыццаг секретарæй сæвзæрста Биазырты Фатимæйы.
Ууыл конференци йæ куыст фæцис.
ГАССИТЫ Моисей