Новости

Адæмы хæрзиуæгæн

Горæтгæрон районы хъæуты фæндæгтæ фæстаг рæстæг кæнынц цалцæг æмæ æмбæрзынц асфальтæй. Ахæм куыстытæ цæуы Октябрыхъæуы дæр.

тротуар 1

Ам асфальтæй бамбæрзтой Абайты Васойы номыл уынджы тротуар, Мичурины æмæ Гагарины уынгты фæндæгты иу хай, æндæр тротуартæ.

Цалцæггæнæн куыстытæ та сæххæст кодтой Хетæгкаты Къостайы, Гагарины, Ирыстойнаг уынгты хайгай, хъæуы уæлмæрдтæм фæндаг. Ацы куыстытæ æххæстгонд цæуынц райадминистрацийы, стæй Октябрыхъæуы бынæттон администрацийы æхцайы фæрæзтæй.

Хъæуы администраци ма электрон цырæгътæ æвæры цалдæр уынджы, цады былты цæуæг тротуары кæрæтты сæвæрдта бандæттæ, сарæзта дзы рухсытæ, æмæ ныр ауылты æнцондæр цæуæн у æхсæвыгон.

Ацы куыстытæ сæххæст кодта муниципалон унитарон куыстуат "Коммунресурсы".

Октябрыхъæуы бынæттон администрацийы сæйраг специалист Джергаты Алан куыд зæгъы, афтæмæй ахæм куыстытæ æххæст кæндзысты дарддæр дæр.

ГАССИТЫ Моисей