Новости

Ситохаты Саламджери

Горæтгæрон районы кад æмæ радимæ чи фæкуыста, уыдонæй иу уыд зынгæ прозаик æмæ поэт Ситохаты Саламджери. Газет "Фидиуæг"-ы редакцийы дæр куыста, æмæ йæ 90 азы юбилейы йæ кой ма скæнæм, уый бар нын нæй.

Драматург æмæ публицист Ситохаты Саламджери райгуырд 1934 азы Цæгат Ирыстоны Нарты хъæуы. Астæуккаг ахуырад райсыны фæстæ куыста Цæгат Ирыстоны радиокомитеты дикторæй, стæй та – республикæйы куклаты театры администраторæй, Æрхонкæйы станицæйы Культурæйы хæдзары директорæй. 1962 азæй фæстæмæ уыдис нæ районы газеты æмæ радиойы уацхæссæг, диктор.

Йæ фыст æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацаутæ æмæ пьесæтæ мыхуыры цыдысты газетæ "Рæстдзинад", "Фидиуæг", журналтæ "Мах дуг", "Фидиуæг" æмæ æндæр мыхуырон оргæнты. Бирæ чингуытæ йын рацыд рухсмæ: "Хъарм ныхæстæ", "Æууæнк", "Зонды рухс", "Уарзт æмæ фыдæх", "Чындз йæхæдæг ныззарыд", "Уарзондзинад дидинæг калы", "Хъуыдыты æхсæрдзæн" æмæ æндæртæ.

Газет "Фидиуæг"-ы раздæры редактор, фыссæг æмæ журналист, дзæнæтыбадинаг Икъаты Авдул кæддæр афтæ фыста: "Саламджери у не 'рвылбоны тухитæ æмæ сагъæстæ, æнкъарæнтæ æмæ бæллицтæ æргомæй æвдисæг æхсæрдзæн. Автор æхсæнады гуылфæнты никуы адзæгъæл вæййы. Къæрцхъус у, уынаг, йæ къахайст – уæндон, йæ ныхас – хæрзцыбыр, фæлæ æнцонæмбарæн. Йæ поэзийы æрдынæй цы фат атæхы, уый бынатыл уайтагъд сæмбæлы, æмæ чиныгкæсæг хъуыдыты аныгъуылы, хъæугæ хатдзæгмæ æрцæуы".

1995 азы Италийы мыхуыры рацыд дунеон поэзийы антологи. Уырдæм хаст æрцыдысты æппæтдунеон бæстæты 120 хуыздæр поэтты æмдзæвгæтæ. Алы поэты тыххæй дæр дзы фыст ис, кæм æмæ кæд райгуырд, цавæр æвзагыл фыссы. Дыууæ азы фæстæ та ахæм антологи мыхуыры рацыд Англисы. Уыцы чиныгмæ хаст æрцыди ивддзинæдтæ. Раздæры автортæн се 'мбисæй фылдæр нал бахаудтой ардæм. Ахæм чиныг ма фæзынд Францы дæр 1999 азы. Бакæсæн дзы ис дунейы зындгонд поэтты æмдзæвгæтæ. Уыцы æртæ антологийы мыхуыргонд æрцыдысты Саламджерийы æмдзæвгæтæ фысджытæ Расул Гамзатов, Хъайсын Кулиев, Раисæ Ахматова, Сулейман Стальский, Гамзат Цадаса, Джамалдин Яндиев, Дзанйты Иваны (Нигер) æмдзæвгæтимæ. Уый цæуылдæр дзурæг у!

Саламджерийы æмдзæвгæтæ ратæлмац кодтой уырыссаг, польшæйаг æмæ францаг поэттæ. Нæ республикæйы радио æмæ телеуынынадæй зæлынц Ситохаты Саламджерийы фыст зарджытæ, афтæ ма сæ музыкалон ансамбльтæ дæр æххæст кæнынц.

Ирон поэттæй цыппаррæнхъонтæ Саламджерийæ фылдæр ничи ныммыхуыр кодта. Сты æлвæст, хъуыдыджын, хæдхуыз.

Бирæ ма йын бантыстаид саразын, сфæлдисын, фæлæ йыл йæ хъысмæт хинæй разылд – фæзиан 2018 азы 84-аздзыдæй.

Нæ уыдзæн рохгонд йæ рухс ном!

ГАССИТЫ Моисей