• Главная
  • Фыццаг ирон сылгоймаг нывгæнæг

Новости

Фыццаг ирон сылгоймаг нывгæнæг

Галина

Курдиатджын нывгæнæг, Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг æмæ сгуыхт ахуыргæнæг, куысты ветеран Чилæхсаты Галинæ райгуырд Дзауы районы Мугуты хъæуы зæхкусæг бинонты 'хсæн. Куыстуарзаг ныййарджытæ кæд бирæсывæллонджын уыдысты (æдæппæтæй сын уыдис фараст сывæллоны), уæддæр сæ цоты ницы цух уагътой, раст фæндагыл сæ æфтыдтой.

Фæлæ æмбойны сæ мæгуыр цард фехæлд: 1941 азы райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Æмæ Галинæйы фыд Кима дæр фæстейæ кæцæй фæлæууыдаид æмæ ацыд фæцу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл. 1942 азы хæстмæ æрсидтысты зæнæджы хистæр Герсанмæ дæр, кæцыйыл цыд æвддæс азы. Æмæ та уый дæр бабын хæсты.

Галинæйы мад Нуца, удыхъæдæй фидар сылгоймаг, кæд йæ цæстысыгæй йæхи æхсадта йæ цардæмбал æмæ хъæбулы тыххæй, уæддæр йæхи ныффидар кодта. Йæ сывæллæттæ иууылдæр уыдысты ахуырмæ æвзыгъд: фондзæй фесты уæлдæр ахуыр, æртæйæ та – техникумтæ.

Галинæ фыццаг ахуыр кодта сæхи хъæуы райдайæн скъолайы æмæ уый фæстæ та – Хуыцъейы астазон скъолайы. Хæрз чысылæй фæбæрæг чызгæн ныв кæнынмæ йе 'взыгъддзинад. Æмæ куыддæр астазон скъола каст фæци, афтæ йæ барвыстой Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ. Йæ ахуыргæнджытæ уыдысты Кокойты Заретæ, Къæбысты Къола, Дыгъуызты Георги, курсы куратортæ – Гасситы Умар æмæ Санахъоты Барис. Ахуыргæнæндоны фæстæ курдиатджын чызг ууыл не 'рлæууыд, бафæндыд æй Тбилисы нывгæнæн академимæ. Бацæуæн фæлварæнты фондз предметæй дæр райста иттæг хорз бæрæггæнæнтæ, æмæ хæххон ирон чызг ссис академийы студенткæ.

Ацы академийы ма ахуыр кодтой ирон лæппутæ Гасситы Æхсар, Челæхсаты Валодя, Уанеты Алыксандр. Уыдонæн тынг æхсызгон уыд, ирон чызгæй æппынæдзух кæй æппæлыдысты, уый, æмæ дзы буц уыдысты.

1963 азы, Тбилисы академийы хуызфыссынады факультет æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ, Галинæ æрыздæхт Цхинвалмæ æмæ кусын райдыдта Тугъанты Махарбеджы номыл Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндоны. Дыууæ азы фæстæ та бацыд Цхинвалы сывæллæтты нывгæнæн скъоламæ æмæ дзы фæкуыста 46 азы. Йæ къухæй рацыдысты ахæм курдиатджын нывгæнджытæ, куыд Челæхсаты Магрез, Асаты Аллæ æмæ Радик, Гобозты Азæ, Пухаты Инал, Æлборты Марат, Æлборты Æхсæртæг (йæхи фырт) æмæ бирæ æндæртæ.

Курдиатджын нывгæнæгæн бантыст бирæ нывтæ сфæлдисын. Йæ куыстытæ æнтыстджынæй æвæрд цыдысты областон, республикон æмæ регионалон равдыстыты. Йæ нывтæй бирæтæ лæвæрд æрцыдысты музейтæн, организацитæн. Галинæ Тбилисæй куы æрыздæхт, уæд йæ цард баиу кодта æвзонг поэт Æлборты Хадзы-Умаримæ, æмæ фæцардысты æмудæй.

Ис сын дыууæ чызджы æмæ иу лæппу: Агуындæ, Ацырухс æмæ Æхсæртæг. Æртæ дæр райстой уæлдæр ахуырад. Лæппу ацыд йæ мады фæндагыл – у зындгонд нывгæнæг, æртæ хатты уыд Хуссар Ирыстоны нывгæнджыты цæдисы сæрдар.

Фæлæ Галинæйæн йæ цæдисон æмкъай фæзиан. Афтæмæй дæр йæхимæ тых ссардта æмæ дарддæр кæны йе 'сфæлдыстадон куыст.

ГАССИТЫ Моисей