Новости

Уырыссаг-ирон дзырдуат

Цæгат Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрады хъæппæрисæй мыхуыры рацыд скъоладзаутæн уырыссаг-ирон дзырдуат.

словарь

Йæ рауадзыныл бацархайдтой Ирон æвзаджы рæзты центры кусджытæ. Ис дзы æртæ минмæ æввахс дзырды. Æвдисынц ирон æвзаджы чингуыты тематикæ æмæ мидис. Æппæт дзырдты дæр, иууæнгон дзырдты йеддæмæ, ис цавд. Хаст дзы сты грамматикон дæнцæгтæ, уыдон æмбарын кæнынц, ныхасы хæйттæ цы дзырдмæ хауынц, уый. Ис ма дзы грамматикон формæтæ.

Дзырдуаты цыбыр бæрæггæнæнтæ æххуыс сты иухуызон кæнæ хæстæг, фыссынадмæ гæсгæ, дзырдтæ æмхуызон нысаниуджытимæ раиртасынæн.

Ацы чиныг арæзт у скъоладзаутæн, стæй ма ирон æвзаг ахуыр кæнын кæй фæнды, уыдонæн. Стыр ахъаз фæуыдзæн ахуырдзаутæн ирон æвзаг хуыздæр базонынæн.

ГАССИТЫ Моисей