Хорз æмгуыстад
Мæскуыйы парламентон центры Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр Мæскуыйы горæтон думæйы сæрдар Алексей Шапошниковы схорзæхджын кодта Республикæ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Аланийы хæрзиуæг Хæлардзинады орденæй.
Гассийы-фыртæн ацы хæс бакодта Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан, уымæн æмæ Мæскуыйы горæты думæ хорз хъусдард здахы Хуссар Ирыстонмæ, Мæскуы æмæ Цхинвалæн ис динамикон æмахастытæ. Уыдон дарддæр дæр фидар кæндзысты дыууæ адæмы фæрныгад.
Бузныджы ныхæстæ загъта Алексей Шапошников республикæйы адæмæн æмæ ныфс бавæрдта, дарддæр дæр æмархайдон куыст кæй кæндзысты, уымæй.
ГАССИТЫ Моисей