Райстой стипендитæ
Хорз хъуыддæгтæ аразы Ирыстоны хъуыстгонд адæймаг, меценат, Дзæуджыхъæуы Ветеранты советы сæрдар Лалыты Левæ. Уый тыххæй дзы райгонд сты адæм.
Уый тынг æххуыс кæны сидзæртæн, фæкæсынхъуаг бинонтæн, æндæр тыхст адæмæн, æмæ йын бузныджы ныхæстæ фæкæнынц. Йæхи хардзæй мемориалон къæйтæ сæвæрдта хъуыстгонд адæймæгтæн сæ хæдзæртты къултыл, стæй ма афтæ Хетæгкаты Къостайы бюстытæ, уыцы нымæцы нæ районы дæр.
Лалыты Левæ у Горæтгæрон районы кадджын æмбæстаг æмæ йе 'ххуысы къух ардæм дæр дары алы хуызты. Амæй размæ Ирыхъæуы иумæйагахуырадон астæуккаг скъолайы фыццæгæм кълас скодта Уæрæсейы Президент Владимир Путины номыл æмæ йыл кæны æмцегад, хуыздæр скъоладзаутæн йæхи номæй сарæзта стипендитæ. Къласæн балæвар кодта дунейы хъуыстгонд адæймæгты портреттæ, интерактивон фæйнæг, ахуыргæнæн æрмæджытæ.
Ацы бонты та Лалыйы-фырт абæрæг кодта Ирыхъæуы астæуккаг скъоламæ æмæ Владимир Путины номыл къласы хуыздæр ахуыргæнинæгтæн ныр дыккаг хатт радта стипендитæ. Фыццагкъласонтæй ахæм амонд æрхауд Кудзойты Аланæ, Нарзуллоева Фатимæ, Уанеты Тамерлан æмæ Мария Григорянмæ. Левæ сæ бафæдзæхста, цæмæй дарддæр дæр хорз ахуыр кæной, æмæ сын иуæндæсæм къласмæ дæтдзæн стипендитæ.
Мадзалы Лалыты Левæйæн бузныджы ныхæстæ загътой фыццагкъласонты ахуыргæнæг Челохсаты Сюзаннæ, хъæуы Ныхасы сæрдар Хъæцмæзты Юри æмæ астæуккаг скъолайы директор Къанатты Азæ.
ГАССИТЫ Моисей