Аивад: ног театр
Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Уæлыгæсты Тамарæ бирæ азты дæргъы кусы Октябрыхъæуы культурæйы Галуаны. Ахаста директоры бынат, ныртæккæ та у методист.
Ацы азы райдианы Тамарæ Галуаны сарæзта сабиты театр «Малусæг». Йæ архайджытæ сты Октябрыхъæуы 1-æм астæуккаг скъолайы 2-æм къласы ахуыргæнинæгтæ, иу та – сабидонæй. Репетицитæ семæ кæны къуыри дыууæ хатты. Театр куы сырæзт, уæд сценæйыл æвæрын райдыдта «Ирон аргъау». Рольтæ хъазынц нæ чысыл хуртæ Æлборты Сæрмæт, Гæджиты Оля, Кодзаты Дауыт, Æлборты Софья, Кучиты Зæлинæ, Оболадзе Лизæ, Хуыгаты Аланæ, Цхуырбаты Эрик, Тедеты Софья, хотæ Куыдзеты Русланæ æмæ Дианæйæн. Сцæттæ «чысыл спектакль».
Ацы мæйы культурæйы Галуаны ацыд нæ республикæйы фæсивæдон æмæ сывæллæтты театры фестиваль «Амыраны рухс». Алыхуызон номинациты дзы архайдтой бирæ сфæлдыстадон къордтæ. Уым йæ арæхстдзинад равдыста театр «Малусæг» дæр æмæ номинаци «Драмон спектакль»-ы бацахста фыццаг бынат!
Уæлыгæсты Тамарæ зæгъы: «Мæ сæйраг нысан уыд сабиты иронау сдзурын кæнын, цæмæй сæ мадæлон æвзагыл уой æнувыд, дзурой иронау сыгъдæг. Дарддæр дæр кусдзыстæм ирон æвзагыл. «Ирон аргъау»-æн декорацитæ мæхæдæг скодтон æмæ уыдонæн дæр радтон нæ национ хæдхуыздзинад. «Ирон аргъау» тынг вазыгджын нæу, уымæн æмæ сабитæн райдианы зын уыдаид сæ рольтæ æххæст кæнын, фæлæ дарддæр цы уацмыстæ æвæрон, уыдон вазыгджындæр уыдзысты».
Сабиты театр «Малусæг»-æн йæ райдианы хорз æнтыст уыд æмæ йын ахæм сфæлдыстадон уæлахиздзинæдтæ уæд дарддæр дæр!
ГАССИТЫ Моисей.
Авторы ист къам.