Новости

Цæрдзæн йæ рухс ном

IMG 5470 Горæтгæрон районы Комгæроны хъæуы цардис Гæззаты Мухары фырт Артур. Йæ фыд раджы фæзиан, фæлæ сæ йе 'фсымæр Муратимæ сæ мад Пухаты Изетæ царды раст фæндагыл бафтыдта, куыста, æмæ æфсымæртæ цух ницæмæй уыдысты.

Астæуккаг скъола дæр Комгæроны фæцис каст Артур. Ахуыр кодта æфсæддон институты. Уыдис æфсады. Уырдыгæй куы æрыздæхт, уæд кодта арæзтадон куыстытæ. Æркодта бинонтæн Бекъойты Беллæйы. А рухс дунемæ сын фæзынд æртæ чызджы. Ныртæккæ ахуыр кæнынц сæ хъæуы астæуккаг скъолайы.

Уæрæсейы сæрмагонд æфсæддон операцимæ мобилизаци куы райдыдта, уæд Украинæмæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ ацыд Артур дæр æмæ хæцыд Запорожьейы здæхты. Уыдис рæнхъон. Бирæ сæрæндзинæдтæ равдыста, фæлæ йыл хъысмæт хинæй разылд – 2024 азы 24 июны украинаг националистты фæндиаг фæцис тохы рæстæджы 36- аздзыдæй. Йæ мард ын Ирыстонмæ æрластой, æмæ дзæнæты бынат ссардта. Бинонтæ, хиуæттæ, æмгæрттæ, сыхбæстæ, зонгæтæ йыл тынг фæмаст кодтой. Сæрæн хæстонæн фæсмæрды радтой хæрзиуæг – Лæгдзинады орден.

IMG 5458Комгæроны цы хæдзары цард, уым къулыл 24 июны, йæ мæлæн бон, байгом номарæн фæйнæг. Мадзалмæ æрбацыдысты хъæуы разамонджытæ, Ныхасы уæнгтæ, ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ, хиуæттæ, мыггаджы минæвæрттæ, æмбæлттæ, æндæр адæм. Хъуыстысты æнкъард музыкæйы зæлтæ, ацагътой Уæрæсейы гимн, æмæ адæм, иу уысм æнæсыбырттæй алæугæйæ, ссардтой Артуры рухс ном.

Номарæн мадзал амыдтой хъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ Къозонты Ангелинæ æмæ Габанты Зæлинæ. Уыдон лæмбынæг радзырдтой Артуры царды фæндагыл: цы хорздзинæдтæ сарæзта, куыд хъæбатыр æмæ уæздан уыд, ууыл.

Ахуырдзаутæ Гæбæраты Фатимæ æмæ Тыбылаты Вадим бакастысты æмдзæвгæтæ Артуры ном арынæн. Уый фæстæ номарæн фæйнæг байгом кодтой йе 'ртæ сидзæр чызджы æмæ йæ мад Изетæ.

Хъыджы мадзалы раныхас кодтой хъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Туаты Олег, Ныхасы сæрдар Болататы Тенгиз, хæстоны ахуыргæнджытæ, мыггаджы номæй – Гæззаты Хъараман.

Æрбацæуæг адæм удæгас дидинджытæ сæвæрдтой хъайтар хæстоны мемориалон фæйнæджы цур, уый фæстæ йын ноджыдæр загътой рухсаг.

Цæрдзынæ адæмы, чи дыл фæрыст, уыдоны зæрдæты, Артур, рох сæ никуы уыдзынæ!

ГАССИТЫ Моисей