Новости

Хъæугæ фарстатæ

Моисей

Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд "Аланты Ныхас"-ы Горæтгæрон районы хайадæн ацы аз ацыд дыккаг æмбырд райадминистрацийы æмбырдтæаразæн залы. Хуынд æм æрцыдысты хъæуты Ныхасты сæрдартæ, æндæр адæм. Æмбырд амыдта сæрдар Уалыты Мæирбег.

Мадзалы архайджытæ, иу уысм æнæсыбырттæй алæугæйæ, ссардтой нæ районы Ныхасы раздæры сæрдар Дзуццаты Валерийы рухс ном.

Боны фæткы уыд ахæм фарстатæ: Ныхасы комитеты сæрдарты ногæй сæвзарын; хъæуты Ныхасы сæрдартæ кæм нæй, уыдон сывзарын; алыхуызон фарстатæ.

Ныхасы хистæрты советы сæрдарæй æмхъæлæсæй æвзæрст æрцыд Засеты Иван, æгъдæутты комитеты сæрдарæй – Дзуццаты Умар, æхсæннацион ахастыты комитеты сæрдарæй – Хъæцмæзты Юри, санитарон уавæры комитеты сæрдарæй – Бæзаты Валодя, фæсивæды комитеты сæрдарæй – Чысиаты Мæирбег, сылгоймæгты комитеты сæрдарæй – Биазырты Фатимæ. Сæвзæрстой ма сæ хæдивджыты дæр.

Раныхас кодтой Дæллаг Санибайы, Комгæрон, Куырттаты хъæуты Ныхасты сæрдартæ Пухаты Готтор, Болататы Тенгиз, Мырзаганты Артур æмæ æндæртæ. Æмбырды архайджытæ бауынаффæ кодтой, цæмæй районы Ныхасы æмбырдтæ аразой кварталы иу хатт.

ГАССИТЫ Моисей

Печать E-mail