Новости

Æнусон стъалы

Рæстæг куыд цæуы, афтæ нын фылдæр зонын кæны æнæмæлгæ Хетæгкаты Къостайы стыр царды егъау хабæрттæ, нæ зæрдæмæ сæ тынгдæр исæм æмæ сæрыстырæй фæзæгъæм: Кæуылты адæймаг уыд ацы стыр лæг, цас ын бантыст йæ адæмы сæрвæлтау саразын! Уый диссаг у, стыр диссаг, æмæ йын йæ ном дæр сæрыстырæй уымæн мысæм.

Афтæ та у ацы бонты дæр – Къоста а рухс дунемæ куы фæзынд, ууыл 15-æм октябры сæххæст 167 азы. Æмæ та йæ рухс фæлгонц ауайы нæ цæстытыл, бахъæлдзæг вæййæм.

Горæтгæрон районы дæр йæ райгуырды боны цытæн бирæ мадзæлттæ уагъд æрцыд. Уыдонæй иу уыд Камбилеевкæйы хъæуы райдианы, Кучийы-фырты номыл уынджы, газет "Фидиуæг"-ы редакцийы кæрты йæ цыртдзæвæны цур номарæн мадзал. Сарæзта йæ Камбилеевкæйы хъæуы фыццæгæм рæвдауæндон (йæ разамонæг Багаты Лаурæ).

Цыртдзæвæны цурмæ æд дидинджытæ ссыдысты ацы сабидоны алы къордты хъомылгæнинæгтæ, хъомылгæнджытæ Засеты Тамарæ, Дзабиты Светланæ, Кцойты Тамарæ, ирон æвзаджы ахуыргæнæг Кокойты Альбинæ, æмæ сæ уагъд мадзал рауад цымыдисон (фыццаг къамы).

Нæ чысыл хуртæ иронау аив дзырдтой Хетæджы-фырты арфмидисджын æмдзæвгæтæ, цыртдзæвæны цурмæ чи æрбамбырд, уыцы адæм сæм хъуыстой цымыдисæй, æмдзæгъд сын кодтой, сæ зæрдæтæ бахъæлдзæг сты.

Нæ сабитæ кад кодтой Къостайæн æмæ уый æрцыдмæ æнæнизæй фæцæрæнт!

Уыцы бон ма, 15 октябры, Къостайы цыртдзæвæны цурмæ æд дидинджытæ æрбацыдысты Камбилеевкæйы хъæуы фыццæгæм иумæйагахуырадон астæуккаг скъолайы 7 "д" къласы ахуырдзаутæ сæ къласгæс Хацырты-Фидараты Зинæидæйы разамындæй æмæ ноджыдæр скад кодтой номдзыд поэтæн (дыккаг къамы).

Æвдæмкъласонтæ цырты раз иронау кастысты стыр фыссæджы æнæмæлгæ уацмыстæ, фылдæр – æмдзæвгæтæ. Къоста кæстæр кар фæсивæдæн цалдæр æмдзæвгæйы ныффыста, æмæ уыдон дæр рохуаты нæ баззадысты ацы ахуыргæнинæгтæй.

Æмбæлгæ, рæсугъд уæлæдарæсы скъоладзаутæ æрымысыдысты нæ ирон литературæ æмæ литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы рухс ном, æмæ ныфсæвæрæн ис, кæстæр, рæзгæ фæлтæр дæр æй кæй никуы ферох кæндзысты.

Хуры æрбакаст дæ, Къоста, дæ раттæг адæмæн æмæ Иры хæхты, быдырты æнусты нæрдзысты дæ кад, ном æмæ намыс!

ПИСИТЫ М.

Печать E-mail