Новости

Сæ нæмттæ – æнусон

КамболовХуссар Ирыстон – Паддзахад Аланийы Президент Хъамболты Марат фембæлд, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы хæстонты ныййарджытимæ æмæ идæдзтимæ.

Фембæлды дзырд цыд пенсион ифтонгадыл, льготæтыл, медицинон æххуыс æмæ цæрæнуатон уавæртыл. Президент куыд бамбарын кодта, уымæ гæсгæ куыст цæуы, фæмардуæвæг хæстонты бинонтæн Уæрæсейы Федерацийы цавæр льготæтæ ис, уыдон ам дæр цæмæй исой, ууыл.

Дарддæр ныхас цыд æфсæддон операцийы фæмардуæвджыты сывæллæтты рæвдауæндæттæм æнæ радæй исыныл, уæлдæр ахуыргæнæндæттæм сæ бюджетон бындурыл бакæныныл.

Хуссар Ирыстоны фæндæгты былтыл конд сты, ацы операцийы республикæйæ чи фæхъуыд, уыдоны хуызистытимæ баннертæ, фæлæ уый фаг нæу. Хъуамæ республикæйы арæзт æрцæуа, сæрмагонд æфсæддон операцийы не 'мзæххонтæй чи фæмард, уыдонæн мемориал. Уымæй сын æнусон кад скæндзыстæм. Уыцы бынатмæ цæудзысты адæм æмæ сын мысдзысты сæ рухс нæмттæ.

Мемориал саразынæн хуыздæр проекты тыххæй сараздзысты гом конкурс, уым архайдзысты хæстонты бинонтæ дæр. Конкурсы бæрæггæнæнтæ бахынцдзысты ацы азы кæрон.

Фембæлды банысан кодтой уый дæр, æмæ ныййарджытæй æмæ идæдзтæй фондзæй бацыдысты Хуссар Ирыстон – Паддзахад Аланийы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты Ассоциацийы скондмæ. Уыдон æххуыс кæндзысты, æнæ дарæгæй чи баззад ахæм æндæр бинонтæн.

Хуссар Ирыстоны Президент загъта, ахæм фембæлдтытæ арæхдæр конд кæй цæудзæн, æмæ дзы цы фарстатæ рæгъмæ рахаст цæудзæн, уыдон йæхæдæг кæй контроль кæндзæн, уымæн æмæ фæмардуæвæг хæстонты ныййарджытыл, идæдзтыл æмæ кæстæртыл аудын у нæ хæс.

ГАССИТЫ Моисей

Печать