Цæрдзæн ирон фæндыр æнустæм!
Алы адæмыхатмæ дæр ис æвидигæ хæзнатæ, æнусты дæргъы сæ кад æмæ радæй хъахъхъæнынц, дæттынц сæ фæлтæрæй фæлтæрмæ. Ирон культурæйы ахæм хæзнатæй иу у ирон фæндыр. Къоста йæ уды сагъæстæ, мæт æмæ æнкъард зарджыты чиныг æнæхъуаджы "Ирон фæндыр" не схуыдта: ирон фæндыр æвдисы нæ адæмы удварн, миддунейы рæсугъддзинад æмæ тых. Йæ æхцон зæлтæ адæймаджы аскъæфынц рагзамантæм æмæ йын йæ зæрдыл æрлæууын кæнынц, кад æмæ намыс кæй сты æппæты ахсджиагдæр ирон адæмы царды.
Ахæм хъуыдытимæ райдыдта аразын ирон фæндыртæ Тарскæйы хъæуы цæрæг, æрыгон лæппу Деметы Зауыр.

Зауыр скъола каст куы фæци, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд ЦИПУ-йы физикон-техникон факультетмæ. Фæлæ "кæмæ цы кæсы, уый йæ райгуырдæй йæ ныхыл фыст вæййы", фæзæгъынц… Хъысмæт Зауыры базонгæ кодта куырыхон хистæр, ирон музыкалон инструменттæ аразæг Моурауты Сосланимæ.
- Иу хатт мæ Сослан йæ æрмадзмæ фæхуыдта. Йæ куыстытæ афтæ тынг фæцыдысты мæ зæрдæмæ, æмæ йæм уæдæй фæстæмæ арæх цыдтæн. Афтæмæй сцымыдис дæн æмæ йын чысылгай æххуыс кæнын райдыдтон. Уымæн дæр æхсызгон уыд мæ тырнындзинад, æмæ мын æргом кодта йæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ, - зæгъы Зауыр.
Моурауты Сослан цардæй æнæнхъæлæджы ахицæн. Йæ æрмадзы дæс инструменты баззадысты æрдæгарæзтæй. Цалдæрмæ дзы æнхъæлмæ кастысты зарæггæнджыты ансамбль "Къона"-йы уæнгтæ. Уый зонгæйæ, Зауыр бирæ сагъæсты фæстæ йæхицæн дзырд радта, йæ кадджын хæлар, куырыхон хистæры фæнд кæй сæххæст кæндзæн, æмæ зæрдæрыстæй, фæлæ рæсугъд хъуыдытимæ рухс фенын кодта уыцы 10 музыкалон инструментæн.
- Ацы хъуыддаджы мын баххуыс кодта Сосланы хæлар Бигъаты Таймураз, хорз арæхсы музыкалон инструменттæ аразынмæ. Бузныг ын! - зæгъы Зауыр.
Лæппуйы зæрдæмæ фæцыд хъæдæрмæгимæ архайын, стæй Сосланы тынг фæндыд, цæмæй йын йæ архайд адарддæр кодтаид. Афтæмæй Зауыр йæхи хæдзары скодта æрмадз.
Иу цасдæр рæстæджы фæстæ йæ зæрдæйы райгуырд арфæйаг хъуыды - скъоладзауты ацы дæсныйадыл ахуыр кæнын. Йæ фæнд загъта хъæуы скъолайы директор Тъехты Дунессæйæн. Дунессæ бацин кодта æмæ æвæстиатæй скъолайы радих кодта иу хатæн æрмадзæн. Уырдæм Зауыр бахаста кусæн æрмæг æмæ ныр лæвар къуыри æртæ хатты ахуыр кæны 20 скъоладзауы ирон музыкалон инструменттæ аразыныл, амоны сын хъисын фæндырыл, скрипкæйыл æмæ балалайкæйыл цæгъдын.
- Æз æрмадзмæ тынгдæр уый тыххæй цæуын, цæмæй базонон фæндыртæ аразын. Кусын мæхиуыл, фæнды мæ хорз базонын, Зауыр нæ цæуыл ахуыр кæны, уый, - зæгъы 6-æм къласы ахуырдзау Къуымæриттаты Сергей.
Йе 'мкъласон Зæгъойты Миланæ та ахуыр кæны дыууадæстæнон фæндырыл цæгъдын:
- Ныр мæйы бæрц цæгъдын ацы фæндырыл. Райдайæны мын зын уыд, фæлæ стæй фæцайдагъ дæн, æмæ бонæй-бон хуыздæр кæны мæ арæхстдзинад.
Зауыр та фидарæй æууæнды:
- Рæзгæ фæлтæр хъуамæ чысылæй фæстæмæ хъусой ирон фæндыры зæлтæм, рагон зарджытæм, кадджытæм. Уыдонæн стыр нысаниуæг ис: сæ зæрдæты сын фыдæлты тæваг уадзынц, сæ удварн та сын рæсугъд кæнынц.
Рæсугъд у йæхи удыхъæд Зауырæн дæр. Йæ алы фезмæлды дæр зыны æцæг ирон лæджы фæлгонц. Курдиатджын лæппу фыссы æмдзæвгæтæ, хорз арæхсы зарын æмæ кафынмæ дæр. Уæдæ йæ адæймаджы миниуджытæ, йæ Ирыстонмæ уарзондзинад та бынтон дисы æфтауынц.
Зæгъæм ын бузныг! Йæ къухы бафтæнт ноджыдæр бирæ хорздзинæдтæ, йæ рæсугъд фæндтæ сæххæст уæнт!
ÆЛБОРТЫ Азæ.