Уæ ныфс ма асæттæд!
Нæ газеты редакцимæ йæ хъаст æрбахаста Сунжæйы хъæуы Горькийы уынджы цæрæг Хуыгаты Л.
Йæ фыстæджы катай кæны, кæм цæры, уыцы уынджы æдзæллаг уавæрыл. Уынджы дон дæр рæстмæ нæ цæуы. Уый тыххæй цæрджытæ уыдысты бынæттон администрацийы цалдæр хатты. Ныфс сын бавæрынц уавæр фæхуыздæр кæнынæй, фæлæ…
"Кæд райдайдзыстæм æнæ гæппытæ, æнæ сæррæттытæгæнгæ нæ уынджы цæуын?" - æвæрынц фарста Горькийы уынджы цæрджытæ.
Амынд уынджы фæндаг бындуронæй аразинаг кæй у, стæй йæ цæрджытæ донцух кæй æййафынц, уый мын зындгонд у, уымæн æмæ йыл алы аз хъæуы æмбырдты дæр фæдзурынц.
20 январы ныхас кодтон хъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Джиоты Робертимæ, æмæ мын афтæ радзырдта: "Ныртæккæ дæр уыдтæн Горькийы уынджы, зонын уынджы æдзæллаг уавæр. Ныхас кодтон йæ цæрджытимæ.
Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ацы куыстытæ сæххæст кæнынæн æхцайы фæрæзтæ дзæвгар хъæуы, æмæ махмæ та уыдон не сты. Уæддæр архайæм ацы уынг æмбæлгæ уавæрмæ æркæныныл. Йе сцалцæг кæнын хаст у администрацийы ацы азы пъланмæ. Æнæмæнг æй сараздзыстæм. Доны фарста алыг кæныныл та, мах бахатыдмæ гæсгæ, кусын райдайдзæн нæ районы паддзахадон унитарон куыстуат "Коммунресурстæ". Æмæ йæ мæйы кæронмæ хъуамæ бабæстон кæна. Донцæуæн зæронд хæтæлтæ раивдзысты ногтæй".
Джиойы-фырт фидарæй ныфс бавæрдта ацы цухдзинад аиуварс кæныны тыххæй. Нæ редакци та йæ хъус дардзæн, хъуыддæгтæ куыд цæудзысты, уымæ.
ГАССИТЫ Моисей.