Мæлдзыгаты Алинæ - спорты æмæ царды чемпион

Æвæдза, куыд диссаг у цард, йæ алы фæзилæнты дæр - цымыдисаг æмæ алыхуызон. Адæймагмæ сомбон цы кæсы, уый ничи зоны, хъысмæтæй дарддæр...
Афтæ рауад, æмæ Сунжæйы хъæуы цæрæг - æвзонг чызг Мæлдзыгаты Алинæйы рухс бæллицтæ тар мигътæ сæхгæдтой... Æрцыд уæззау фæндаггон фыдбылыз, æмæ Алинæйы æнæниздзинад фæцудыдта. Кæддæр дзюдойæ хæцгæйæ æнтыстджынæй цы пьедесталыл лæууыд, уый ма-иу уыдта æрмæст йæ фынты. Йæ зæнгтæ кæй фæцæф сты, уымæ гæсгæ чызг къахыл нал слæууыд, фæлæ уымæй уæззаудæр та уыдис зæрдæйы цæф: йæ мой йыл йæ къух систа. Алинæ баззадис йæ чысыл фыртимæ.
Хъысмæты ныхмæ тохгæнæн нæй, фæзæгъынц, фæлæ Алинæ стох кодта æмæ дзы йæ фидар удыхъæды фæрцы рацыд уæлахиздзауæй.
Абон Алинæ у дунейы чемпион армрестлингæй. 2019 азы нымад арцыдис æппæтуæрæсеон æхсæнадон организаци «Федерация спорта лиц с ПОДА»-йы хуыздæр спортсменыл.
- Чысылæй фæстæмæ тынг уарзын спорт. Фæндаггон фыдбылызы фæстæ дæр мæ хъус дардтон спорты хабæрттæм. Иу бон армрестлингы тыххæй федтон телерепортаж æмæ сфæнд кодтон мæхи бафæлварын. Мæ бæллиц раргом кодтон Европæйы, Уæрæсейы æмæ дунейы бирæ хæттыты уæлахиздзау Дыгъуызты Малхазæн. Уый мæ базонгæ кодта мæ абоны тренер Золойты Мæирбегимæ, æмæ ныр цалдæр азы архайæм, цæмæй нæ уарзон Ирыстоны ном ноджы бæрзонддæр сисæм, - мидбылхудгæйæ зæгъы Алинæ.
Æвзыгъд спортсменкæ 1-аг хатт рахæцыд Сочийы æмæ сси Уæрæсейы чемпион, уый фæстæ та - Грецийы, уым дæр райста 1-аг бынат. Æрæджы та Румынийы рамбылдта дунейон чемпионат. Алинæйæн ныр дæр æрулæфт нæй: ныридæгæн йæхи цæттæ кæны Уæрæсейы чемпионатмæ - уыдзæн 14 февралы Мæскуыйы.
- Æрæджы райдыдтон фехтованийæ дæр архайын, мæ зæрдæмæ тынг фæцыд ацы спорты хуыз, æмæ архайын, цæмæй апрелы фехтованийы чемпионаты дæр мæхи бафæлварон, - йæ хъуыдытæ раргом кодта спортсменкæ.
Алинæ æрмæст спорты нæу сæрæн. Хæдзары куыстытæм дæр у тынг арæхстджын.
- Куыд æцæг ирон сылгоймаг, афтæ ракæны уæлибæхтæ дæр. Тынг хæрзад у йæ армы конд. Алы куыстмæ дæр у рæвдз, зивæг нæ зоны. Йæ къуымтæ æдзухдæр - хæрзæфснайд, - сæрыстырæй нын радзырдта йæ сыхаг Цхуырбаты-Гæбæраты Светæ.
Алинæ у райдзаст, хъæлдзæг, зæрдæхæлар адæймаг. Йæ ныййарджытæ, мадызæнæг (7 хойы æмæ иу æфсымæр), фырт Сослан йæ хурæнгæс цардæмбалимæ æмæ йæ чысыл хъæбулы хъæбул сты йæ ныфсы цæджындзтæ.
Мах та Алинæйæн зæгъæм: "Дæ кад æмæ тых фылдæр кæнæнт, дæ рæсугъд фæндтæ дæ къухы бафтæнт! Бæгуыдæр дæ спорты æмæ царды чемпион! Сæрыстыр дæ стæм!”
Къамы: галиуæрдыгæй рахизæрдæм - ДЗУГАТЫ Марат, ДЗÆРÆХОХТЫ Батрадз,
БИАЗЫРТЫ Валерий, ЗОЛОЙТЫ Мæирбег, МÆЛДЗЫГАТЫ Алинæ æмæ ДЫГЪУЫЗТЫ Малхаз.