Адæмæн - уарзон хистæртæ
Ацы дыууæ уæздан лæджы хæрз сыхæгтæ сты, Черменыхъæуы Маяковскийы уынджы цæрынц. Бирæ федтой æмæ бавзæрстой царды, фылдæр - 1941-1945 азты - хæсты рæстæг. Зындзинæдты фых æмæ фæлтæрд сты хæсты сывæллæттæ.
Сидахъаты Тузар райгуырд 1928 азы Дæллаг Хъæнийы. Зæхкусджытæ уыдысты йæ ныййарджытæ. Се 'ртæ лæппуйы æмæ сæ иунæг чызг зынтæй хъомыл кодтой. Тузар райдайæны ахуыр кодта Майрæмыхъæуы скъолайы, уый фæстæ та Дæллаг Хъæнийы. Фæлæ хæст куы райдыдта, уæд лæппу скъолайæ фæхицæн, ахуыргæнджыты хæстмæ кæй акодтой, уымæ гæсгæ. Ныллæууыд куысты фæндагыл.
Фæсивæды уæд æрæмбырд кодтой Джызæлмæ, Зæмджыны зæххытæм, æмæ Чапаевы номыл колхозы куыстой, къанæуттæ къахтой. Семæ - Тузар дæр. Суанг Елхотмæ дæр схæццæ сты. Знаджы ныхмæ акъоппытæ къахтой Æрхонкæйы, Дашкофы, Гуыбырхæрисы. Хъобанмæ та фæндаг арæзтой, Джызæлы - хид. 13-аздзыд Тузарæн уыцы куыстытæ кæнын æнцон нæ уыд, фæлæ фæрæзта.
Тузары хистæр æфсымæр Солтан хæсты быдыры хъæбатырæй тох кодта. Куы æрыздæхт, уæд фенцондæр Тузарæн: Солтан дæр хæдзарон æмæ æндæр куыстытæ кодта.
- Хæсты рæстæг æз æмæ мæ карæнтæ тынг фыдæбон кодтам. Уæлæдарæс, къахыдарæс нын нæ уыд рæстмæ, æмæ, уазалы тухитæ кæнгæйæ, куыстам знаджы фыдæнæн, уæдæ цы кодтаиккам. Гитлеронтæ Ирыстонæй тард куы æрцыдысты, уæд нын стыр бæрæгбоны хуызæн уыд. Хуыцау ахæм рæстæг мауал æруадзæд, дуне сабыр уæд! - дзуры Тузар.
1944 азы Сидахъаты бинонтæ хохæй рацыдысты æмæ æрцардысты Черменыхъæуы. Тузар, йæ хо æмæ ныййарджытæ кусынмæ бацыдысты хъæуы Кировы номыл колхозмæ. Тузар куыста быдыры, уый фæстæ йын йæ бæрны бакодтой галтæ æмæ бæхтæ. Бегарайы куыст дæр кодта: галтыл рынчын адæмы Цымимæ ласта.
Фæстæдæр каст фæцис шофыры курсытæ æмæ колхозы автомашинæйыл райдыдта кусын. Уыдис колхозы звеновод дæр.
1983 азы картофæй хъæздыг тыллæг кæй систа (500 центнеры) æмæ ССР Цæдисы 1-аг бынат кæй бацахста, уый тыххæй йын радтой рог хæдтулгæ "Москвич". Тузар куыд зæгъы, афтæмæй уыцы аз колхозы быдыры цы картоф æрзайын кодта, уыдонæй иу картофы уæз уыд 1,2 кг.
…Æркодта бинонтæ дæр - Хуыгистаты Нинæйы. Иумæ фæкуыстой колхозы. Адæмы рæгъмæ ракодтой фондз кæстæры, уыдоны хъæбулты. Хъыгагæн, Нинæ абон не 'хсæн нал ис. Рухсаг уæд.
Иу рæстæджы Хохы Саниба, Тменыхъæу, Майрæмыхъæуы, Хъæнийы хъæутæй сарæзтой иу колхоз, æмæ Тузар уым дæр фæллой кодта.
Куысты ветеран, 2-аг къорды инвалид, хæсты фæсчъылдымты архайæг Сидахъаты Тузарæн хицауадæй лæвæрд æрцыд 8 хæрзиуæджы. Цæры, йæ тугвæллойæ цы хæдзар сарæзта, уым. Кæд абон лæдзджыты æнцой цæуы, йе 'нæниздзинад фæцудыдта, уæддæр у фидар; сыхбæстимæ, адæмимæ цæры хъæрмудæй, æмæ йын уыдон дæр аргъ кæнынц.
Уæздан хистæрыл нымад у Цæболты Таймураз дæр. Йæ фыдæлтæ Хъуды комæй рацæугæ сты. Хуыздæр цардагур йæ ныййарджытæ ацыдысты Цæцæнмæ, æмæ уым, Къобайы хъæуы, райгуырд Таймураз. Йæ ныййарæг мад Дзанайты Катинейы нæ хъуыды кæны - хæрз чысылæй баззад сидзæрæй. Фыд дыккаг ус æрхаста, фæлæ уымæй дæр фаг рæвдыд нæ банкъардта лæппу.
- Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд мæныл æххæст дыууæ азы дæр нæ цыд. Мæ фыд хъуамæ хæстмæ ацыдаид йæхи фæндæй æмæ Беслæны æфсæддон къамисарадмæ бацыд (фæстæдæр уым æрцардысты). Мæн дæр йемæ акодта. Къамисарады йæ фæнд куы бамбарын кодта, уæд ын къамисар афтæ зæгъы: "Ацы лæппуйы (мæнæй) тæригъæдæй дæу хæстмæ нæ арвитдзынæн. Куыд хъуамæ хъомыл кæна æнæ ныййарджытæй?"
Нæ йæ ауагъта хæстмæ æфсæддон къамисар. Бæх ын раттын кодта, æмæ ууыл куыста мæ фыд. Бæхуæрдоныл мæн йемæ ралас-балас кодта сæрдæй-зымæгæй. Уазалы-иу басыдтæн. Ацы хабæрттæ æз кæм хъуыды кæнын, мæ фыд мын-иу сæ радзырдта. Афтæмæй зын уавæрты, фыдæбæттимæ схъомыл дæн хæсты рæстæг. Сидзæр мæгуыр у. Мæ фыд куыста колхозы, рывта, цæхæра тыдта, къахта.
Уæдмæ мын Æфсадмæ цæуын афон дæр æрцыд. Куы сыздæхтæн, уæд Черменыхъæуы колхозмæ кусынмæ бацыдтæн шофырæй, уæд ацы хъæуы æрцардыстæм. Колхозы ма кодтон слесыры æмæ æндадзæджы куыстытæ. Æдæппæтæй колхозы бакуыстон 45 азы. Дæн куысты ветеран. Мæ фæллойадон фæндагыл мæ схорзæхджын кодтой бирæ хæрзиуджытæй, - мысы Таймураз.
Цæболты Таймураз дæр цæры йæхи арæзт хæдзары йæ цардæмбал Гиоты Зояимæ æмæ сæ кæстæртæ, стæй уыдоны хъæбултимæ. Зæрдæрухс сты.
Ахæм сыхæгтæ - хæсты сывæллæттæ - цæры Черменыхъæуы - адæмæн уарзон, лæггадгæнæг, цардуарзон хистæртæ.
ГАССИТЫ Моисей.