Цæгат Ирыстоны литературон журнал "Мах дуг" расидт дунеон конкурс-æркаст ахæм номимæ - "Базыртæ". Йæ архайджытæ уыдысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, Каиры, Мæскуыйы æмæ Бетъырбухы цæрджытæ, иууыл иумæ - 70 адæймаджы, куыд фæсивæд, афтæ хистæр кары адæм дæр.

