Уæрæсе Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæдæй абонмæ уым сæхи æууæнкджынæй, хæстхъомæй æвдисынц Ирыстоны фæсивæд. Фæсте нæ лæууынц, националистон цъаммарты куынæг кæнынц. Сæрæн лæппутæ сты, æмæ дзы бирæтæ райстой хæрзиуджытæ, хъæбатырæй æххæст кæнынц сæ комкоммæ хæстæ.

Уыдонæй иу у Комгæроны хъæуккаг Гæджиты Уырызмæг, ис 136 бригады 1 батальоны сконды. Æфсæддон хъуыддæгтыл хæст у рагæй дæр, ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы æфсæддон институты, уыд цалдæр хæсты архайæг - Цæцæны, Хуссар Ирыстоны, Украинæйы. Цæцæны фæцис дыууæ цæфы, Цхинвалы та-иу. Ныр та капитан Гæджиты Уырызмæг ногæй – цыппæрæм хатт - фæцæф Украинæйы. Йе 'мтохгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй иу суткæйы дæргъы уыдысты æрхъулайы Дæллаг Любимовкæйы поселочы. Ирон лæппу ракодта йæ дæлхайад, стæй фæстæмæ баздæхт, тохы чи фæцæф, уыдоны ракæнынмæ. Уыцы рæстæг ма бæрæг кодта артиллерийы æхст. Ацы тохы йæ уæрагыл сæмбæлд знаджы нæмыджы схъис.
Гæджиты Уырызмæгæн ис мад, кæстæртæ. Ахæм сæрæнгуырдæй та буц сты æгас Ирыстон æмæ комгæройнæгтæ нæ, фæлæ æнæхъæн Уæрæсе дæр.
Тæгд рæстæджы уæлахизимæ æрыздæхæд!
ГАССИТЫ Моисей.
Печать
E-mail